Михеил Даушвили – мах иунæг политикон партиимæ дæр нæ баиу уыдзыстæм, æвзæрстытæм рацæудзыстæм, куыд хæбар тых афтæ
Парти «Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы уæнг Михеил Даушвилийы фидиуæнæй, йæ парти æвзæрстытыл хæдбарæй райсдзæн хайад æмæ никæйимæ хъавы баиу кæнын.
Даушвилийы дзырдæй, зæгъгæ Хазарадзе æмæ Мелийæн сæхи хъуыддаг у æмкуыст кæндзысты æви нæ, æрмæст парти «Гуырдзыстоны тыххæйы» нысан у, алцыппæт саразын, «Оцнебайы» оппозицимæ ахизын кæнынæн.
«Хазарадзе Мелиаимæ æмкуыст кæнын куыд хъавы, нæ зонын, фæлæ ацы æмгуыстад знон нæ райдыдта æмæ нæдæр райсом райдайдзæн. Факт у уый, цæмæй Хазарадзе уыдис ахæм, чидæриддæр Мелиайæн банхъарыд хæдивæгы бынат хæдуынаффæйы æвзæрстытыл. Сæхи хъуыддаг у æмскуыст кæндзысты æви нæ, чи сæ хъыг дары? Цы фæстиуæг сын уыдзæн, фендзыстæм. Æндæр куы ницы зæгъæм уæд, цæттæ куы уыдис Мелиайы хæдивæгæй уæвын. Мах иунæг политикон партиимæ дæр нæ баиу уыдзыстæм, æмæ æвзæрстытæ рацæудзыстæм куыд хæдбар тых афтæ. Кæй дыккаг, кæй æртыккаг æмæ кæй фæндзæм бынат фæнды, уымæй мах цымидис нæ кæнæм. Нæ нысан у, нæ бæстæйы æмæ адæмæн баххуыс кæнын, цæмæй Евроцæдисимæ бадзырдты этапмæ ахизæм. Нæ нысан у алцыппæт саразын, «Картули Оцнебайы оппозицимæ ахизын кæнынæн», – райхъусын кодта Михеил Даушвили.