Михеил Батъиашвили - Ладо Апхазава уæлахизгонд у, уæлахизгонд стæм алчи, алы ахуыргæнæг, æппæт Гуырдзыстон
Ладо Апхазава у уæлахиздзау, æмæ уыйимæ иумæ уæлахи здзау стæм мах иууылдæр, алы ахуыргæнæг, æппæт Гуырдзыстон – уый фæдыл ахуырады, зонынæдты, культурæ æмæ спорты министр Михеил Батиашвили , ахуыргæнджыты глоблон хорзæхы уæлахизгонды рабæрæгы фæстæ райхъусын кодта.
«Нæ бæстæйæн ис Ладо Апхазава æмæ растдæр уый тыххæй, тынг сæрыстыр дæн æмæ уырнæг дæн ахæм æнкъаоæн ис алы гуырдзиагмæ.
Цæй зæгъын æй хъæуы уый уæлахизгонд ц, уæлахизгондтæ стæм алчи, алы ахуыргæнæг æппæт Гуырдзыстон. Абон Ладон, Дунейы 179 бæстæйы 10 000 аппликанттæй равзаргæ 10 сегасæй хуыздæримæ иумæ лæууыд сценæйы. Ам ахуырады глоблон форумыл, сæрмагонд уникалондзинадæй, Дунейæн уый ноджы иу хатт базонын кодта Гуырдзыстон! Стыр бузныг йын æппæт гуырдзыстоны номæй, ноджы йын иу хатт афæ кæнын ацы стыр æнтыст, фидæны ноджы фылдæр уæлахиздзинад нæм æнхъæлмæ кæсы» – райхъусын кодта Батъиашвили.
Дубайы ахуырады æмæ фæдтæрдты глобалон форумыл «Глобал Тичер 2019»-ы уæлахизгонд педагогы рабæрæг ис. Уæлахизгонд ссис Питер Табич, ахуыргæнæг Кенийæ.
2019 азы дунейы хуыздæр педагогы 10 финалисты æхсæн, ацы аз уыд гуырдзиаг педагог – Ладо Апхазава. Финалисттæ 179 бæстæйы 10 000 куырдиатæй равзæрстой. Ладо Апхазавайæн æнцой дарынмæ Дубайимæ Гуырдзыстонæй ныццыд ахуырады, зонынæдты, культурæ æмæ спорты министр Михеил Батъиашвили.
Хорзæхджын кæныны церемонийы фæуды ф æстæ, министр сæрмагондæй раарфæ кодта уымæн дунейы 10 сеппæтæй хуыздæр ахуыргæнæджы æхсæн кæй æрцыд æвзæрст æмæ йын фидæны куысты æнтыстытæ ракуывдта.