Акæнæг, хистæр æмæ ментор-ахуыргæнджыты мыздтæ, сентябры  мæйæ  фæуæлдай уыдзысты  150 ларийæ æмæ  уымæй фылдæр
Акæнæг, хистæр æмæ ментор-ахуыргæнджыты мыздтæ, сентябры мæйæ фæуæлдай уыдзысты 150 ларийæ æмæ уымæй фылдæр

Сентябры мæйæ, акæнæг, хистæр  æмæ  ментор  ахуыргæнджыты мыздтæ  фæуæлдай  уыдзысты  150 ларийæ  æмæ  ноджы  уымæй  фылдæр –  уый тыххæй  Гуырдзыстоны  ахуырады æмæ спорты  министр Михеил Батъиашвили райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, мыздты  рæзт  афтæдæр аххæсдзæн   скъолаты диреткортæм,  ресурс-центрты   кусджытæм  æмæ  администрацитæм.

«Ахуырады къабазы Комплексон реформæйы фæлгæтты,  ахуырады хъæды  сбæрзонддæр кæныны нысанæй,  скъолаты, ахуырады министрад  райдыдта  ног этап уадзын,  иумæйаг ахуырады  æрдгæй.  Реформæйы нысан у –   скъолаты мидæг    ахæм ахуырадон æрдз  сæвзæрын кæнын,  кæцы  ахуыргæнинæгтæн ратдзæн фадат  сахуыр кæной æмæ  райсой  ахæм фæлтæрдтæ,  кæцытæ  æнæмæнгхъæугæ  сты  XXI  æнусы  быцæусидтытæ  алыг кæнынæн.   Ацы нысанмæ æрцуынæн хъæуынц бæрзондквалифицргонд, мотиивиргонд,  нырыккон   зонæдтæй  ифтонгонд, фидар  ахуыргæнджытæ , кæцытæ  хъуамæ  исæт   æмбæлон   мызд.

Сентябрæй акæнæг, хистæр  æмæ  ментор  ахуыргæнджыты мыздтæ  фæуæлдай  уыдзысты  150 ларийæ  æмæ  ноджы  уымæй  фылдæр. Мыздтæ фылдæр кæндзысты    æрвылазонæй æмæ  педагогы астæуккаг    мызд  2022  азмæ,  уыдзæн 1500   ларийы  æмæ уымæй  фылдæр.   Мыздтæ фæуæлдай уыдзысты афтæдæр,   скъолаты директортæн,  ресурс-центрты  æмæ  администрациты  кусджытæн», –  райхъусын кодта Михеил Батъиашвили.