Ладо Апхазава -  тынг цымидисон адæймæгтимæ базонгæ дæн æмæ  бирæ  дисаджы хъуыддæгтæ  сараздзыстæм иумæ
Ладо Апхазава - тынг цымидисон адæймæгтимæ базонгæ дæн æмæ бирæ дисаджы хъуыддæгтæ сараздзыстæм иумæ

Хью Джекманы  фарсмæ, иу сценæйыл  куы  лæууыс  æмæ ацы  шоуйы  иуæй-иу  хайадисæг куы дæ уæд нæй  гæнæн  æмæ ма стыхсай   –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналæн  «глобал Тичер 2019»-ы  финалист, ЧИбатийы  хъæуы  æхсæнадон скъолайы  æмбæстагон рухсады педгог, Ладо Апхазава загхта.

«Тынг цин мын у,  финалон дæсы  æхсæн кæй  дæн уый.  Тынг   зæрдæмæдзæугæ  уавæр  уыд  абоны бонмæ. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды  Гуырдзыстоны ахуырады министрæн,  ардæм кæй  æрцыд æмæ мæ фарсмæ  кæй  лæууыд уый тыххæй. Уый тынг стыр стимул у мæнæн» – райхъусын кодта  Апхазава.

Ладо Апхазава афтæдæр фæныхас кодта фидæны плæнтты тыххæй.

«Мæ плæнттæ ахæм сты цæмæй  баиу уыдзынæн  æхсæнадæмон   проектытæм.  Глобалон  ардæмадæй  кусдзынæн. ДÆсойы  хуызæй  тынг æууæнкаг æмæ  цымидисон  адæймагæтимæ базонгæ дæн,  кæцытимæ иумæ   бирæ  тыхджын хорз хъуыддæгтæ  сараздзыстæм. Цин мын мæ  хæлæрттæ кæй  сты  уый» –  бафтыдта ма Ладо Апхазава.

«Глобал Тичер 2019» -ы  уæлахизгонд æссис  кенийаг математикæ æмæ  физикæйы ахуыргæнæг   Питер Табич.  Уæлахизгонд ахуыогæнæг глобалон  хозæхджын кæныны  церемонийыл  Дубаийы  рабæрæг кодтой.  Уæлахизгонд призы  хуызæй  райсдзæн  иу милуан америкаг доллар.

Дæс финалисты æхсæн  уыд  Ланчхуты муниципалитеты  Чибатийы  хъæуы  æхсæнадон скъолайы   æмбæстагон рухсады   педагог  Ладо Апхазава.