Михеил Батъиашвили –Скъолаты инфраструктурæ  Ныгуылæйнаг стандарттæм  ахизын  кæнынæн хъæуы  иууыл цъус  авд миллиард  лари
Михеил Батъиашвили –Скъолаты инфраструктурæ Ныгуылæйнаг стандарттæм ахизын кæнынæн хъæуы иууыл цъус авд миллиард лари

Гуырдзыстоны  масштабæй, уый тыххæй  цæмæй скъолаты  инфраструктурæ ныгуылæйнаг  стандарттæм  ахиза,  иууыл цъус  авд миллиард   лари бахъæудзæн  –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  ахуырады министр, Михеил Батъиашвили  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы алæвæрд  «Бизнеспартнеры» эфиры   загъта.  Алæвæрды  сæйраг темæ уыд  ахуырад æмæ  къабазы  уæвæг  проблемæтæ.

«Азты дæргъы  æрымбырдгонд   проблемæтæ  ис алы æрдæм.   Æнæхъæн Гуырдзыстоны масштабæй  æрмæст  скъолаты инфраструктурæ  ныгуылæйнаг  стандартты  онг   куы схыза, минималон бахыгъдæй,  авд миллиар д  лари хъæуы.  Уый æрмæстдæр   техникон  проблемæйæ, уымæй  дарддæр,  аскуыддзаг кæнын хъæуы   педагогты   материалон   уавæры проблемæ.  Ац ыхъуыддагыл  куы нæ  бамæт кæнæм  уæд  тынг зын уыдзæн   уæвæг рарды  аскуыддзаг кæнын» –  райхъусын кодта Батъиашвили.

Министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  нысаниуæгджын   проблемæты нымæцы ис  скъолайы агъоммæ  ахуырад, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыры гъæд æмæ регионты професиион  ахуыры  цас  рæувадат у  уый,    кæцы  тынг популярон ссис.

Бæрæг куыд у афтæмæй,   Гуырдзыстоны  премьер-министр   прецедент кæмæн  нæй  ахæм инициативæйæ   ралæууыд,   кæцымæ гæсгæ  дæр, 2022  азæй, бæстæ  йæ   æмтгæйон мид продукты   æхсæз проценты,  ахуырадыл бахардз кæндзæн.  Уæдмæ та  ахуырады  системæйы цы проблемæтæ æрымбырд сты, уыдоны  аскуыддзагæн ахуырады министрады  бюджет  æрвылазонæй  500  милуан ларийæ фæфылдæр уыдзæн.

Министр ныфс æвæры, цæмæй   æрвылазонæй  500 милуанæй  бюджеты райрæзт,   этапгай æххуыс уыдзæн  секторæн, уæвæг проблемæты   аскуыддзагы, цалынмæ  бæстæ    ахуырады   сферæйы,  йæ  æмтгæйон мид продукты  6%  нывæрдзæн.

Батъиашвилийы  хъуыдымæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны инициативæ йæ  ÆМП-ы  6%  ахуырадыл бахардз кæна,  бæстæйы  скæндзæн  Дунейы  дæсоймæ.  «Ацы  нымæц  æцæгдæр прецедент цæмæн нæй  ахæм у. Гуырдзыстон дунейы  дæсойы  уыдзæн  уыцы  бæстæты æхсæн,   кæытæ ÆМП-йæ  ахæм  стыр процент  рауæлдай кæнынц  ахуырадæн» – райхъусын кодта Батъиашвили.