Михайло Подоляк - Украина цæттæ у Саакашвили райсынмæ, йæ æдадсзинады æмæ æмбæлгæ хоскæныны гарантитæ раттынмæ, Гуырдзыстон, сараз раст æвзæрст
Украина цæттæ у, Саакашвили райсынмæ, ратта йæ æдадсзинады æмæ æмбæлгæ хоскæныны гаранти – уый фæдыл Украинайы президенты администрацийы уынаффæгæнæг Михайло Подоляк социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
«Нæй гæнæн кæсай адæймаджы мæлæтмæ телеуынынады комкоммæ эфиры. Нæй гæнæн кæсай, куыд марынц Гуырдзыстоны истори æмæ йæ президенты цивилизацигонд дунейы цæстыты раз. Украина цæттæ у Саакашвили райсынмæ, раттæ йæ æдадсзинады æмæ æмбæлгæ хоскæныны гаранти. Гуырдзыстон, сараз раст æвзæрст» – фыссы Михайло Подоляк.