Миграцийы департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 33 фæсарæйнаг æмбæстаджы феддæдуар кодтой
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады миграцион департаментимæ æмæ министрады æмбæлон иуæгтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, фæстаг бонты ист вазыгджын мадзæлтты фæлгæтты, Гуырдзыстонæй 33 фæсарæйнаг æмбæстагы депортаци сырæзт. Информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, уыдонæй чидæртæ Гуырдзыстонæй барвæндонæй ныууагътой, иннæты та тыхæй атардтой бæстæйæ. Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуын тобæгонд æрцыд.
«Æдæппæтæй 33 æмбæстаг Индийæ, Египетæй, Иорданийæ, Туркæй, Пакистанæй, Китайæ, Иранæй, Бангладешæй, Иракæй, Уæрæсейæ, Азербайджанæй æмæ Туркменистанæй фæтардтой Гуырдзыстонæй».
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. «Йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты сбæрæг кæнын, кæцытæ сты Гуырдзыстоны æнæ юридикон бындуртæй æмæ сæ Гуырдзыстонæй ссæрибар кæнын», – хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.