Мидхъуыддæгты министрады миграцион уагдоны кусджытæ февралы Гуырдзыстонæй 85 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой
Мидхъуыддæгты министрады миграцион управленийы кусджытæ февралы Гуырдзыстонæй 85 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой. Ай фæдыл информаци Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент, министрады æндæр иуæгтимæ æнгом координацийы, бæстæйы мидæг æнæзаконон миграцийы ныхмæ тох эффективонæй сифтонг кæны.
«Сæрмагондæй, фæстаг иу мæйы мидæг, бæстæйæ ссæрибар ис æндæр æмæ æндæр бæстæты 85 æмбæстаг». Фæсарæйнаг æмбæстæгтæй иуæй-иутæ барвæндонæй ныууагътой Гуырдзыстонæй, иннæтæ та миграцион департаменты райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн бæстæйæ тыхæй ссæрибар сты. Сæрибаргонд адæймæгтæн, закъонмæ гæсгæ, бæстæмæ æрбацæуын тобæгонд æрцыд. Æдæппæтæй Гуырдзыстонæй атардтой Ираны, Турчы, Туркменийы, Уæрæсейы, Азербайджаны, Иорданийы, Нигерийы, Алжиры, Китайы, Сомихыстоны, Непалы, Индийы, Иракы, Египеты, Ливаны, Мьянмæйы, Лиетувæйы, Израилы æмæ Камеруны 85 æмбæстагы. Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. «Йæ иуæй-иу компетенци у фæсарæйнаг æмбæстæгты сбæрæг кæнын, кæцытæ сты Гуырдзыстоны æнæ юридикон бындуртæй æмæ Гуырдзыстонæй феддæдуар кæныны сыххæст », – дзырдæуы мидхъуыддæгты министрады хъусинаджы.