Мидхъуыддæгты министрад Лука Куртанидзейы ахсты фæдыл официалон расидæн парахат кæны
Мидхъуыдтæгты министрад Элдар (Лука) Куртанидзейы ахсты фæдыл официалон расидæн рапарахат кодта.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Лука Куртанидзейы мидхъуыдтæгты министрады Аджарийы полицийы департаменты Кобулеты районы хайады кусджытæ оперативон мадзæлтты æмæ фæдагурæн архæйдтыты фæстиуæгæн æрцахстой бинонты æхсæн тыхмийы æмæ хъахъæды бардзырдмæ гæсгæ хæстæ нæ сæххæст кæныны аххосагæй.
«Фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй азымгонд фехæлдта тæрхондоны æрдыгæй йæ ныхмæ лæвæрд хъахъхъæнæн бардзырдмæ гæсгæ хæстæ – уый йæ раздæры бинойнагимæ бастдзинад сарæзта æмæ йæ физикон æгъдауæй фехста.
Барадхъахъæнджытæ æрцахстой Э.К. куыд аххосджын», – дзырдæуы МХМ-ы расидæны.
МХМ-ы информацийæ, фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 126 æмæ 381 статьямæ гæсгæ. Фыдракæнды тыххæй æфхæрд цæуы 2 азы онг ахæстоны фæбадын.