Мидхъуыддæгты министрад 9 килограмм героин, 1 кило æмæ 200 грамм кокаин æмæ бупренорфинджын 5 000 таблеткæ систа

Мидхъуыддæгты министрад  9 килограмм  героин,  1  кило  æмæ   200 грамм  кокаин  æмæ  бупренорфинджын  5 000  таблеткæ  систа.  Уый фæдыл  информацийы  хъусын кæны  МХМ.

Сæ информацийæ,   мидхъуыддæгты министрад  сæйраг прокуратурæимæ иумæ,  активонæй  дарддæр кæны  наркофыдракæнды  æмæ наркотикты  реализайийы  ныхмæ  æнæхатыр  тох.

Уагдоны  информацийæ,  фæстаг  периоды  барадхъахъъæнджытæ  наркофыдракæнды бирæ  факт  бакодтой  æмæ  дæсгай  наркореализаторы æрцахстой.

«Ацы хатт  мидхъуыддæгты   министрады  кусджытæ,  арæйнон  -ауадзæн   панкт  «Вале»-йы  цур  территорийыл кæрон скодтой  Гуырдзыстонмæ  сæрмагондæй  стыр бæрцæй  наркотикон  фæрæзты æрбаласыны  факт. Ахст у  Азербайджаны республикæйы   æмбæстаг, кæцыйы  сæрмагонд  джигулы рæстæджы  ист æрцыд   1 кило  æмæ 500 грамм   наркотикон   фæрæз  «гашиш». Фыдракæнд йæ  хъуыдыйы  дары,  8-æй  20  азы онг   кæнæ та   æнæмгъуыд ахстæй æхæрд.

Централон  криминалон  полицийы  департаменты  наркотикты æнæзакъонон зилдухы  ныхмæ  тохы  сæйраг   уагдоны   кусджытæ,   Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты  æрцахстой  Ираны Республикæйы  дыууæ æмбæстагы.  Ист æрцыд  730 грамм  наркотикон  фæрæз  героин  æмæ 14  таблеткæ  «метадон».  Фыдракæнд æфхæрд цæуы  8-æй  20 азы  онг кæнæ  æнæмгъуыд  ахстæй.

Полици,   афтæдæр Ираны  æмбæстагы  æрцахста  стыр бæрцæй  «гашишы»  балхæд-бавæрыны  аххосагæй.  Йе  фыдракæнд  æфхæрд цæуы  5-æй   -8 азы  онг ахстæй.

Барадхъахъхъæнджытæ,  ахæсты  сæрмгаонд автомобилы  джигулы рæстæджы,  2  тыхтоныл дих   гашиш систой, кæцыйы мидæг  экспертизæйы  хатдзæгмæ гæсгæ ис,  1,4823 грамм  тетрагидроканнабинол.

Мидхъуыддæгты  министрад  цæугæ  азы  1-аг  январæй  10 майы  онг,  æппæт бæстæйы масштабæй,  æндæр æмæ æндæр рæстæджы   уагъд оперативон-фæдагурæн амæлтты  фæстиуæгæн, æнæзаконон  зилдухæй  систа  сæрмгаондæй  стыр бæрцæй  æндæр æмæ æндæр  хуызы  наркотикон  фæрæз:  9 килограммы  онг героин, 1 кило  æмæ 200 грамм  кокаин,  500 грамм  ног психоактивон    æмæ   психотропон  буарад, уый нымæцы,  бупренорфинджын  5000  таблеткæ, афтæма  1  кило  æмæ 700 грамм  синтетикон  наркотикон фæрæз «МДМА»  æмæ 850  грамм  æндæр æмæ æндæр  хуызы  психотропон  буарад» – банысангонд у  МХМ-ы  ахæлиугонд  информацийы.