Мидхъуыддæгты министрад 17 майы акцийы хайадисæг алкæцы æмбæстагæн хиравдысты сæрибар бахъахъхъæндзæн
Мидхъуыддæгты министрад цæугæ азы 17 майы акцийы хайадисæг алкæцы æмбæстагæн хиравдысты сæрибар бахъахъхъæндзæн – уый фæдыл министрады уагъд брифингыл уагдоны адæймаджы барты хъахъхъæды департаменты директор Лонда Толораиа райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 17 майы мадзæлтты фæдыл, МХМ-ы æмæ æнæхицауадон организациты минæвæртты æхсæн сырæзт фембæлд.
Брифингыл Лонда Толораиа куыд банысан кодта, афтæмæй, мидхъуыддæгты министрад зæгъгæ у дзыллæйы æдасдзинады гарант, уый тыххæй дæр, акцийы хайадисджыты хъуыдыйы сæрибары бар уыдзæн хъахъхъæд.
«Цыдæриддæр та гомофобиимæ, трансофобиимæ æмæ бифобиимæ тохы æхсæнадæмон бонмæ 17-м маймæ æххæссы, фæнысангонд бон ауадзинаг мадзæттæм гæсгæ, МХМ-ы æмæ æгнæхицауадон организациты минæвæртты æхсæн, сырæзт фембæлдтæ æмæ æрныхас кодтой куыд фембæлды бынат æмæ рæстæгы, афтæ æдасдзыинады цæстæнгасæй ауадзиаг амæлттæ.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад у дзыллæйы æдасдзинады гарант æмæ удцырын у бахъахъхъæна кæцыфæнды æмбæстагы бар, æнæкæсгæ расæмæ, æвзагмæ, æрд, кар, религи, политикон æмæ æндæр цæстæнгасмæ, националон, этникон æмæ социалон злдмæ, равзæрдмæ æмæ æндæр миниуджытæм.
Уымæ æмбæлгæйæ дæр, 2018 азы 17 майы МХМ бахъахъæндзæн акцийы хайадисæг алкæцы æмбæстагы хихъуыды равдысты сæрибардзинад» – райхъусын кодта Лонда Толораиа.