Мевлут Чавушогълу – Нæ фæндон у, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты сабырадонæй аскуыддзаг уа Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты фарста
Нæ фæндон у, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты сабырадонæй алыг уа, Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты фарста – уый фæдыл Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ фембæлды фæстæ иуæмйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ æндæр фарстатимæ иумæ, афтæдæр фæныхас дыууæдæр бæстæйæн нысаниуæгджын æдасдзинады фарстæтыл.
«Нæ дзæбæх сыхагы æмæ хæлар бæстæйы минæварæн, мæ зынаргъ хæларæн, Илиа Дарчиашвилийæн зæрдиаг радзырдтон ацы æрдгæй нæ хъуыдыты æмæ æнхъæлцыты фæдыл, кæцы конкретонæй æххæссы Фетулла Гюллены террористон организациимæ баст фарстатæм. Зондзыстут,ц æмæй Турк у Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады иуæй-иу сеппæтæй хъæддых фарсхæцæг. Афтæма, Турк кæддæриддæр йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн евро-атлантикон тырнынады æмæ НАТО-мæ интеграцийы процессы. Нæ ацы фарсхæцын ноджы иу хатт роавдыстам фæнысангонд фембæлдыл æмæ афтæдæр ахсджиаг у, цæмæй нæ фæндон у, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæлгæтты сабырадон фæндагæй аскуыддзаг уа Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты фарста» – райхъусын кодта Мевлут Чавушогълу.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ абоны фембæлдыл фæныхас кодтой куыд дыууæфарсон, афтæ регионон æдасдзинады боны фæткы фарстатыл.
«Фæныхас кодтам Украинайы æмæ Къарабахы фарстатыл, кæрæдзийæн базонын кодтам иттæг нысаниуæгджын хъуыдытæ ацы фарстаты тыххæй. Зондзыстут, не стыр тыхархайд, цæмæй регионы сфидар уа сабырдзинад фæстагмæ æмæ æрбынат кæна стабилондзинад, уый у иттæг нысаниуæгджын æмæ Гуырдзыстон дæр ацы процессы активон исы хайад. Æххæст кæнæн иттæг нысаниуæгджын механизмтæ. Ацы цæстæнгасæй, ахсджиаг у Гуырдзыстоны, Турчы æмæ Азербайджаны æмкуысткæнынады механизмтæ. Регионы уæвæг уавæрмæ гæсгæйæ, бæрæг у Гуырдзыстоны позици «3+3» форматмæ гæсгæ, фæлæ ацы этапыл дарддæр кæнæм «3+2» форматы регионы цæугæ процессты фæдыл бадзырдтæ. Афтæма иттæг нысаниуæгджын у фæстаг периоды айтынггонд иуæй-иу фæзынд, сæрмагондæй та, Гуырдзыстон куы сфысым кодта Сомихыстоны æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлдæн. Мæхæдæг фæныхас кодтон не æфсымæрон республикæ, Азербайджаны министр Джейхун Байрамовимæ, кæцы банысан кодта, цæмæй тынг райгонд баззад ацы фембæлдæй æмæ фембæлдыл цы фæстиуджытæм æрцыдысты уымæй. Уый у иттæг нысаниуæгджын фарстатæ Гуырдзыстоны æмæ регионы бæстæты, афтæма Турчы хайадæй, регионы сабырдзинад сфидар кæныны фарстатæ. Уымæ гæсгæ дæр, нæ иумæйаг тыхархайд ацы æрдæм нлджы активон дæр суыдзæн» – банысан кодта Мевлут Чавушогълу.
Турчы фыццаг дипломат йæ раныхасы кæрон ноджы иу хатт бæлвырд загъта Гуырдзыстонæн фарсхзæцыны тыххæй.
«Мæ раныхасы кæрон мæ фæнды ноджы иу хатт сбæлвырд кæнын Турчы позици æмæ ноджы иу хатт банысан кæнын нæ фарсхæцын, Гуырдзыстонæн цæстуарзондзинад, куыд нæ дзæбæх сыхаг æмæ æнгом æмахастытæ нын кæйимæ ис ахæм паддзахадæн. Адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстоны хицауадимæ æмкуыст кæнын куыд дыууæфарсон, афтæ регионон фарстатæм гæсгæ» – банысан кодта Мевлут Чавушогълу.