Метью Миллер – «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъон разнаггад кæндзæн æмбæстагон дзыллон организацитæн æмæ адард кæндзæн Гуырдзыстоны европаг фæндагæй
«Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъон разнаггад кæндзæн æмбæстагон дзыллон организацитæн æмæ адард кæндзæн Гуырдзыстоны европаг фæндагæй, – райхуъсын кодта АИШ-ы паддзахадон департаменты спикер, Метью Миллер.
Метью Миллеры журналист Алекс Рауфогълу бафарста: «Сымах дырыс райхъусын кодтат, цæмæй ацы закъон дард кæны Гуырдзыстоны Европаг фæндагæй. Уынут демократийы регресс Гуырдзыстоны?» Дзуаппæн Миллер загъта, цæмæй фæнысангонд фæдыл, раззаг прессконференцйыл цы загъта, раст ахæм аргълæвæрд саразын у йæ бон, æнæивгæйæ.
«Нæ мæ фæнды уæрæх аргълæвæрд саразын, ацы конкретон закъоны тыххæй цы загътон раззаг бон, уымæй уæлдай. Сæрмагондæй та, нæ уырны цæмæй уый разнаггад кæндзæн æмбæстагон дзыллон организацитæн, кæцытæ кусынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты царды фæхуыздæр кæнынæн æмæ адард кæндзæн Гуырдзыстоны Европаг фæндагæй. Уый нырма закъонопроект у», – загъта Метью Миллер.