Местиайы хъæуы Мулахы  нифраструктурон  проблемæйы  алыгы æркуырдæй протестон акций цæуы
Местиайы хъæуы Мулахы нифраструктурон проблемæйы алыгы æркуырдæй протестон акций цæуы

Местиайы  муниципалитеты  Мулахы хъæуы, протестон  акци цæуы.

Мулахы  12 хъæуы цæрджытæ МестиазУшгулы  фæндаг æрыхгæдтой.  Уыдон  инфраструктурон  проблемæты аскуыдлдзаг кæнын домынц.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, нæ бæззы  автомобилон фæндаг, хæрзхъæд арызт не сты  электроадæттæн хаххытæ æмæ нæй  мукниципалитеты рæзынады  генералон план.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн  акцийы  хайадисджытæ  куыд фехъусын кодтой афтæмæй,  фæндаджы байгом кæнын  уæдмæ нæ хъавынц,  цалынмæ семæ нæ  фембæлдзæн  парламенты  сæрдар.

Акцийы  хайадисджытимæ фембæлдысты регионы губернатор  Александре Моцъерелиа йæ хæдивджытæ æмæ Местиайы  мэр Капъитон Жоржолиани. Уымæй  дарддæр ма, губернатор араст ис  акцийы  цалдæр хайадисæгимæ Мулахы муниципалитеты.