Мексикæйы  ноджы иу  журналисты  амардтой
Мексикæйы ноджы иу журналисты амардтой

Мексикæйы  ноджы иу  журналисты  амардтой.   Бынæттон  медийы  информацийæ,   мард у  Карлос Домингес,  кæцы  Тамаулипасийы  штаты   куыста рауагъдад  Diario de Nuevo Laredo –ы.

Домингесы  Неуво Ларедойы   центры,  сæрмагонд   автомобилы  ссардтой мардæй.   Фæстаг рæстæджы  журналист политикон темæтыл  куыста.   Тамаулипасийы штаты  прокуратурæ  фæдагуырд райдыдта.

Январы  райдианы  Мексикæйы  иуæй-иу  сегасæй ахадæг   рауагъдады  журналисты амардтой.  Херардо  Мартинесы уынджы  фехстой.

2017 азы  дæргъы Мексикæйы  12  журналисты амардтой.   Бынæттон медийы   информацийæ, 2000  азæй  абоны онг, бæстæйы  амардтой 120   журналисты,  20, ацы рæстæгмæ  æвæндаг æрбайсæфтыл  нымад цæуынц.