Швеци Мексикæйы æнæгуызавæйæ басаста (видео)

Фесты  радон матчытæ   цæугæ   лунейы  чемпионатыл.  Сахар Екатеринбурджы  аренæйыл кæрæдзимæ  схæцыдысты  Швецийы æмæ Мексикæйы  æмбырдгæндтæ.   Мексикæмæ  ацы   хъазты онг уыдис 6 баллы æмæ æстæмфиналмæ  ахизынæн  йын  хæрæгсаст дæр фаг кодта. Швецийы та æнæмæнгæй хъуыдис  рамбулын.

Фыццаг  тайм  æнæголæй  ацыд, дыккаг  таймы  та  шведæгтæ   фæактивон сты  æмæ   фæстиуæгмæ дæр рæхджы  æрхæццæ сты: Аугустинсон  пуртимæ хъузоны бабадтис   мексикæйы дуæртты  дард штангæйы цур æмæ  æмæ  йе мбалы къахæй  схъиуд  пурти, фидар  цæфæй  мексикæгты дуæрттæм амидæг кодта.   Уый фæстæ  мексикæгтæ  бахъавыдысты  хыгъд сраст кæнын, фæлæ  цалдæр минутмæ  дыккаг гол дæр  райстой.  Иварон фæзыгы  фæтксасты тыххæй   арбитр  пенальти  снысан кодта  æмæ шведæгты  капитан Андреас  Гранквист,   Очоайæн шанс нал фæуагхта –  0:2.

Ацы  голмæ  ма,  европæйæгтæ  ноджы  иу бафтыдтой,  кæцы  кæцыйы мексикайаг  Эдсон Альварес  сæрмагонд дуарæттæм  æнæнхъæлæджы  баппæрста.

0-3  æмæ Мексикæ чемпионатæй  хъуамæ рацух  уыдаит, фæлæ  бынтон  æнæнхъæлæджы  фæстиуæг сфиксир ис  къорды параллелон матчы, кæцыйы дæр  Хуссар Кореяйы æмбырдгонд, архайæг Чемпион Германийæн, уæлæмас  рæстæджы  дыууæ голы баппæрста æмæ  йæ  турнирæй  раддæдуар кодта.

Абоны матчыты  фæстиуæгæн, æстæмфиналмæ  Мексикæ æмæ Швеци ахызтысты.

Рафыссут нæ  уникалон аппликаци   FIFA 2018! Android  iOS

Æмæ  уæм уыдзæн фадат,  оперативонæй   базонат  алы  цымидисон  хабаримæ,   матчыты  бæлвырд  ранывæст, фæстиуджытæ  LIVE-режимæй  æмæ  саразат  уæхи сæрмагонд прогноз!

Матчыты  бæлвырд  ранывæзт  -Дунейы Чемпионат  Фыццаг Къаналыл!