Украинæйы премьер-министр, журналист Аркадий Бабченкойы марындзинадыл бæрн æвæры Уæрæсейыл

Украинæйы премьер-министр Владимир  Гройсман, Киевы, журналист  Аркадий Бабченкойы марындзинадыл бæрн æвæры Уæрæсейыл.

Гройсманы хъуыдымæ гæсгæ, Мæскуы,  нæ  фæбарста журналистæн  æргомзæрдæдзинад  æмæ принципон позици.

«Украинæйы  æцæг  хæлар,   кæцы  дунейæг  хъусын кодта Уæрæсейы  агрессийы  фæдыл» –  ныффыста  Гройсман  социалон хызаг  «Фейсбукы».

Гройсман  публикаци кæны социалон хызагы  Бабченкойы  фæстаг пост, кæцыйы мидæг журналист  фыссы, цææмй  куыд  не схызтис  2014 азы 29 майы  хæрдмæтæхæгмæ,  кæцыйы  уыцы   бон  Украинæйы  скæсæн хайы  æрыппæрстой.  «Аирвæрзтæн, ытнг мын  фæраст ис.  Мæ дыккаг раугырæн бон у»-  ныффыста йеуæджурналист.  Фæнысангонд  посты публикацийæ  10 сахатмæ, Бабченкойы  амардтой.

Верси, ома журналист марындзинады фæстæ  Кремль лæууы, Украинæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр,  Павел Климкин  разагъта.  Министр банысан кодта, цæмæй  Бабаченко  зæгъгæ тыхбын уыдис, Уæрæсейы  рацæуын æртъхъирæнты тыххæй.  «Уый тох кодта цæмæй  Уæрæсе уыдиат декмокративон, афтæдæр Украинæ, цæй зæгъын æй хъæуы,  Мæскуы йæ   знагыл нымадта»  –   райхъусын кодта Климкин Нью-Йоркъы, ИНО-йы   æдасдзинады советы рабадтыл.

Аркадий Бабченкойы бинонтæн тæфæрфæс  ракодта  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад  дæр, кæцы марындзинады сбаста, Украинæйы  сырæзт  «тоталон æнæфхæрды» атмосферæимæ.

Уæрæсейы æмбæстаг  Аркадий Бабченкойы,  Киевы  йæ хдзары бацæуæны амардтой.  Уый цалдæр хатт фехстой. Журналист,  рынчындонмæ  баласыны онг, тагъд-медицинон æххуысы  автомобилы  æрбамард.

Украинæйы мидхъуыддæгты  министрад  хъуыддаджы æвзарын райдыдта æмæ  гæнæн марæгы  фоторобот  дæр  публикаци скодта.   Киевы   полици  марындзинады дыууæ сæйраг версийыл кусы –  журналисты  профессион куысты   æмæ йæ  æмбæстагон позицийы.

Бабченкойы марындзинадыл   хъуыддаг  рæгъмæ рахаста   Уæрæсейы  фæдæвзарæг   комитет дæр.

Аркадий Бабченко  «Московский Комсомолецы»   æфсæддон корреспондентæй  куыста, фыста  «Новая Газетайæн»  æмæ  æндæр рауагъдадтæн.  Уый 2008-æм азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты, æмæ    Скæсæн Украинæйы  цæугæ  гарзджын  конфликт дæр рухс кодта.

Фæстаг азты Бабченко,  тызмæг критикæ  кодта  Уæрæсейы  хицауады.  2012 азы  марты йæ ныхмæ   сцырын кодтой  тугтæрхоны барады хъуыддаг  массон змæстытæм сидты  æфсонæй.  2017 азы  февралы  Бабченко   райхъусын кодта,   цæмæй  иугæндзон æртхъирæнты тыххæй, рацыд Уæрæсейæ.  Сæрыфыццагæй,   уый Чехмæ араст, уый фæстæ та  Израилмæ.  2017 азы августæй  та Киевы цардис.  Украинæйы, Бабченко, телекомпани  ATR –ыл куыста   алæвæрды акæнæгæй.