Медийы хъусинагæй, Болгарийы байгом ис газдадзæн «IGB», кæцыйæ бæстæ æрдзон газы Азербайджанæй исдзæн
Болгарийы байгом ис газдадзæн «IGB», кæцыйæ бæстæмæ цæудзæн æрдзон газ Азербайджанæй. Информаци хъусын кæны «Дойче Велле».
«Газдадзæны байгомы бæрæгбонон церемони Болгарийы сæйраг горæты абон ацыд, кæцыйыл Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Ляйен дæр уыд. Уый газдадзæны эксплуатацимæ раæйст, Болгарийæн æмæ хуссар-хурыскæсæн Европæйæн, ног эпохæйы райдайæнæй схуыдта.
«Раздæр Болгари газы 80% иста Уæрæсейæ. Афтæ уыдис уæдмæ цалынмæ Уæрæсе аскуыддзаг кодтаит Украинайы нызхмæ ацы æбуалгъ хæсты æмæ Европæйы ныхмæ энергохæст райдаын. Ацы газдадзæн у хъазты ивд Болгарийы æмæ Европæйы энергетикон æдадсзинадæн» – райхъусын кодта Урсула фон дер Ляйен.
Агентады куыд фыссынц афтæмæй, газдадзæн кæрæдзиимæ иу кæны Болгарийы националон гахы хызаг æмæ Грецийы газы хызаг. Газдадзæнæй æрдзон газ Азербайджанæй, Грецийы уылты Болгаримæ хъукамæ бахæццæ уа, урдгæй та Сербимæ, Цæгат Македонимæ, Румыни æмæ Венгримæ. Ног газдадзæны фæрцы Болгари æрвылазонæй иу миллиард кубон метр æрдзон газ исдзæн.