Медиайы  хъусинагæй, Венгри блокировкæ скодта  Евроцæдисы инициативæ, протест равдыстаит  Гуырдзыстоны  хицауадæн Саакашвилийы  хъуыддаджы фæдыл
Медиайы хъусинагæй, Венгри блокировкæ скодта Евроцæдисы инициативæ, протест равдыстаит Гуырдзыстоны хицауадæн Саакашвилийы хъуыддаджы фæдыл

Венгри  блокировкæ скодта  Евроцæдисы  инициативæ,  равдыстаиккой  протест  Гуырдзыстоны  хицауады ныхмæ, раздæры президент, Михеил Саакашвилийы  хъуыддагмæ гæсгæ.

Украинаг  медиа, польшайаг радио «RMF FM»-ыл æнцойæ  куыд  хъусын кæны афтæмæй,   Польшæ рацыд  инициативæйæ, баурæдтаиккой  ахсты æмгъуыд Саакашвилийæн, цæмæй  йын фæсарæнты  хоскæныны  фадат уыдаит.  Фæнысангонд  æнхъарæн, хъуамæ  бацыдаит   Евроцæдисы  дипломатон   протесты, кæцыйы  официалон Тбилисæн хъавыдысты бавдисын.

Ивгъуыд  къуырийы Польшæйы  премьер-министр, Матеуш Моравиецки   Евроцæдисы саммитыл  райхъусын кодта, ома   Польшæ  цæттæ у  хоскæнынмæ  Саакашвили райсынмæ.  Польшæйы æнхъарæнимæ, Венгрийæ дарддæр,  сразы æмхъæлæсонæй.  Евроцæдисы дипломаттæ  ныр архайынц, бауырнын кæной  Венгрийы  хицауад, цæмæй  йæ  позици фæива.