Медиайы хъусинагæй, Украинайы Рæстдинон Аргъуан  ног кæлиндармæ хизы
Медиайы хъусинагæй, Украинайы Рæстдинон Аргъуан ног кæлиндармæ хизы

Украинайы рæстдинон аргъуан ног къæлиндармæ  хизы.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны «ВВС».

Медиайы куыд фыссынц, афтæмæй,  бæстæйы  Цыппурс  25 декабры   сбæрæгбон кæндзысты,  7 январы бæсты. Афтæма ивд уыдзæн   æндæр бæрæгбонты  датæтæ  дæр, сæ нымæцы  Донскъæфæн 19 январы бæсты  сбæрæгбон кæндзысты   6 январы, Сыгъдæг Николайы  бон та  19 декабры бæсты,  6 декабры сбæрæгбон кæндзысты.

Медиайы хъусинагæй,    Куадзæны бæрæгбон  раздæронау  уыдзæн.  Ног Кæлиндармæ  ахизыны фæдыл, формалон   уынаффæ 27 майы  кафедралон аргъуаны райсдзысты.