Къаха Каладзе - Абон Гуырдзыстоны хъауджыдæргонд хъуыдыйы разæгъын йæ бон у кæцыфæнды адæймагæн, фæлæ дзы ис бæрæг арæн æмæ гоймагы бафхæрын бынтон æнæруадзгæ у
Абон Гуырдзыстоны хъауджыдæргонд хъуыдыйы разæгъын йæ бон у кæцыфæнды адæймагæн, фæлæ дзы ис бæрæг арæн æмæ гоймагы бафхæрын бынтон æнæруадзгæ у – загъта Тбилисы мэр Къаха Каладзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы бæрæг у æвзæрстыты агъоммæ период кæй цæуы, фæлæ дзы алцæмæн дæр ис йæхи гъдау.
«Фылдæр «Рустави 2»-ы редакцион политикæ бындурæвæрд у мæнгдзинадыл æмæ уый æнæиу дæнц мæ бон у æрхæссын. Ахæм у тынг мæтæфтауæг реалондзинад. Фæлæ медиаплюрализм у нысаниуæгджын, дзырды сæрибар у нысаниуæгджын. Абон Гуырдзыстоны хъауджыдæргонд хъуыдыйы разæгъын йæ бон у кæцыфæнды адæймагæн, уыцы азтæй хъауджыйæ, ахæм архайд арæнгонд куы уыдис. Фæлæ дзы ис бæрæг арæнтæ, гоймагы бафхæрын бынтон æнæруадзгæ у» райхъусын кодта Къаха Каладзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ политиктæ хъуамæ уой уый дæнцæг цæмæй æгæрон æфхæрд фæуа æмæ макуыуал айзæла.