Медиайы хъусинагæй, Украинайы Рæстдинон Аргъуан ног кæлиндармæ хизы

16:41, 24.05.2023

Украинайы рæстдинон аргъуан ног къæлиндармæ  хизы.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны «ВВС».

Медиайы куыд фыссынц, афтæмæй,  бæстæйы  Цыппурс  25 декабры   сбæрæгбон кæндзысты,  7 январы бæсты. Афтæма ивд уыдзæн   æндæр бæрæгбонты  датæтæ  дæр, сæ нымæцы  Донскъæфæн 19 январы бæсты  сбæрæгбон кæндзысты   6 январы, Сыгъдæг Николайы  бон та  19 декабры бæсты,  6 декабры сбæрæгбон кæндзысты.

Медиайы хъусинагæй,    Куадзæны бæрæгбон  раздæронау  уыдзæн.  Ног Кæлиндармæ  ахизыны фæдыл, формалон   уынаффæ 27 майы  кафедралон аргъуаны райсдзысты.

Хуыздæр