Медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы  оккупацион тыхты Украинайы  Киевы  æмæ Херсоны  регионтыл бомбæкалды фæстиуæгæн ис амæттаг
Медиайы хъусинагæй, Уæрæсейы оккупацион тыхты Украинайы Киевы æмæ Херсоны регионтыл бомбæкалды фæстиуæгæн ис амæттаг

Ивгъуыд  æхсæв Украианйы   масштабон   уæлдæфон  фæдис уыд, кæцы  Уæрæсейы  æфсад «Калибры»  типы ракетæтæ æмæ æнæпилот хæдтæхджыты  ауадзыны фæстиуæгæн у.

Украинаг медиайы  хъусинагæй,  уырыссаг æфсæддæттæ  Украинайы  сæйраг горæт Киевыл сыххæст кодтой  бырст, кæцыйы  фæстиуæгæн  иу  аæдймаг амард. Фæцæф сты дыууæ адæймаг,  зиангонд  сты  цæрæн хæдзæрттæ.

Киевы   Украинайы  уæлдæфон иргъæфы   тыхтæ ирайнаг   «шахедты» типы  дæс æнæпилот  аппарат æрыппæрстой. Уырыссаг æфсæддæттæ  Херсоны   регионыл  минææхсджытæй, артиллерийæ, танктæй,  «Градтæй» æмæ авиацийæ  500-ы онг  сармадзаны нæмыг фехстой.  Бомбæкалды амæттаг  ссис  дыууæ аждæймаг, 3 та фæцæф сты.