Медиайы хъусинагæй, Уæрæсе массивон ракетон бырст сыххæст кодта Одессæйы регионыл, Украинайы уæлдæфон иргъæфы тыхтæн бантыстис 17 «Шахеды» типы æнæпилот тæхæн аппараты сæнæзианхъом кæнын
Уæрæсе массивон бырст сыххæст кодта Одессæйы регионыл, уæлдæфон иргъæфы системæ «Шахеды» типы 17 æнæпилот тæхæн аппараты æрыппарста. Инфоормаци хъусын кæны украинаг медиа.
«Уырыссаг террористтæ, 3,5 сахаты дæргъы æххæст кодтой бырст Одессæйы регионы хуссармæ æнæпилот тæхæн аппараттæй, 17 æрыппарын бантыстис нæ уæлдæфон иргъæфы тыхтæн» райхъусын кодта Одессæйы зылды хуссары хъахъхъæнынады тыхты къухдариуæггæнæг Олег Кипер.
Киперы дзырдæй, массивон бырсты фæстиуæгæн Измаилы, цы ран ис Украинайы иуæй-иу сæйраг Дунайы порт, базиан сты æвæрæнтæ, хъæууон-хæдзарадон техникæ, кондадтæ. Афтæма састыты æрхауды тыххæй цалдæр объектыл фæзынщдис сыгъд.
Фæмардуæвджыты æмæ цæфты фæдыл информаци ацы рæстæгмæ нæй.
«Алы æмбæлгæ куыст бынатыл дарддæр кæны кусын. Барадхъахъхъæнджытæ хынцынц уырыссæгты фыдракæндтæ», – банысан кодта Кипер.