Медиайы хъусинагæй, Сомихыстоны премьер-министр æмæ Азербайжаны президент Санкт Петербургы дыууæ бæстæйы æхсæн сабырадон бонвæтк æркастысты
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян æмæ Азербайджаны президент Ильхам Алиев Санкт-Петербургы дыууæ бæстæйы æхсæн сабырадон бонвæтк æркастысты. Информаци уый фæдыл хъусын кæны азербайджайнаг медиа.
Агентад «Тренд» куыд фыссы афтæмæй, Никол Пашинян æмæ Ильхам Алиевы фембæлд æнæформалон уыд. Сæ бадзырд Санкт Петербурджы Хæдбар Паддзахадты Æмгарады бæстæты лидрты фембæлды рæстæджы ацыд.
Пашиняны Алиевимæ фембæлды фæдыл информаци бæлвырд кæны Сомихыстоны премьер-министры пресскуыст дæр.