Медиайы информацийæ, Ираны пъæлицæйы æмæ студентты æхсæн Тегераны Шарифы университеты цур быцæуæмбæлд уыд
Ираны пъæлицæйы æмæ студентты æхсæн Тегераны Шарифы университеты цур уыд быцæуæмбæлд, уый фæдыл «Ройтер» фыссы. Ахæлиугонд информацийæ, студенттæ 22 азыдз Махса Амины марындзинад протест кæнынц.
Ныгуылæйнаг медиа фыссы, цæмæй традиционæй хъауджы хъуыдыйы артдзæст, Шарифы университеты æрхъула кодтой дæсгай пъæлицæйаг. Хæлиу кæны информаци цæмæй Ираны æдасдзинады тыхтæ студенттæ кампаусæй ныссæндыны нысанæн цæссыгуадзæн газ ауагъдтой. Ахст сты цалдæр студенты.
Протестон демонстрацитæ Тегеранæй дарддæр ма ацыд Ираны цалдæр горæты, цахæмдæр сты: Язди, Керманшах, Снанададжи, Шираз æмæ Мешхед «хæдбарад, сæрибардзинад, мæлæт Хаменейæн» – хъæр кæнынц акцийы хайадисджытæ.
Фæстаг дыууæ къуырийы дæргъы хицауады ныхмæ акциты цыды рæстæджы 133 адæймаг амард.