Мцхетайы мэрийы цур цæугæ акцийы рæстæджы барадхъахъъхæнджытæ цалдæр адæймагы территорийæ аиуварс кодтой [фото/видео]
Мцхетайы мэрийы цур цæугæ акцийы рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ цалдæр а1дæймагы территорийæ аиуварс кодтой.
Барадхъахъхæнджытæ куыд дзурынц афтæмæй, уыдоны зæгхгæ æрмæст территорийæ аиуварс кодтой.
Мцхетайы мерийы цур, оппозицион партийы арыгонон базыры минæвæрттæ акци уадзынц. Сæ фидиуæнæй, растдæр мерийы бæстыхайы уæвы мажоритар депутаты, Димитри Хундадзейы бюро.
Уыдон куыд хъусын кæнынц афтæмæй, зæгъгæ Димитри Хундадзейæн æрбахастой 41 æвзисты. «Æрбахастам йын 41 æвзист, цæмæй Димитри Хундадзейы ахæстаргъ бафидæм»- хъусын кæнынц акцийы хайадисджытæ.
Акцийыл æрцыд быцæудзинад дæр. Хæлиу кæны информаци, цæмæй фæцæф сты акцийы дыууæ хайадисæг.
Мцхетайы мэр Гиорги Капанадзе куыд хъусын кæны афтæмæй, акцийы хайадисджытимæ ныхасмæ рацыд æмæ йæ фæндыд, сæ фарстытæн дзуапп раттын.
«Алкæй дæр хонæм мæ кабинетмæ, алкæй. Æрбацæуæт æмæ алы фарстæн ратдзынæн дзуапп, фæлæ тынг агрессивон уыдысты» – банысан кодта Мцхетайы мэр.