Мцхета-Степанцъминда-Ларсы фæндагыл змæлд уæгъдибар у – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны автомобилон фæндæгты департамент.
«Æхсæнадæмн нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндагыл, интенсивон къæвдайы æмæ донивылдты тыххæй, æхсæвы фæнысангонд фæндаджы 105-æм км-йыл æмæ абон км87-км88 фадыгыл, автотранспорты змæлд цалдæр сахат фæкъуылымпы ис.
Бынатыл знон æхсæвæй мобилизацигонд æрцыд æмбæлгæ техникæ. Автомобилон фæндæгты департаменты æмæ контрактор организацийы минæвæрттæ, фæндаджы ссыгъдæггæнæн куыстытæ æнæаскуынгæ режимæй æххæст кодтой.
Уагъд амæлтты фæстиуæгæн, ацы рæстæгмæ Мцхета-Степанцъминда-Ларсы фæндагыл, цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд уæгъд у», дзырдæуы Гуырдзыстоны автомобилон фæндæгты департаменты информацийы.