Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндагыл автотранспортæн змæлд сæрибар у
Автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, интенсивон сссыгъдæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури (Поста)-Къобийы фадыгыл автотранспорты змæлд сæрибар у.
«Млета-Къобийы фадыгыл автотранспорты змæлд сæххæст уыдзæн æнæфæуромгæ режимæй. Гудаури-Къобийы фадыгыл та æрмæстдæр зæйæиргъæвæн тунелы уылты. Стыр уæзласæн автотранспорты æмæ 30æй фылдæр бынатджын автобусты змæлд, тунелты æххæст цæуы иуфарсонæй.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй фæнысангонд фадыгыл рог автотранспортæн змæлд абон æмбисбоны сног ис. Млета-Къобийы фадыгыл интенсивон митуарды æмæ зæйы тасы тыххæй, тобæгонд уыд змæлд цыфæнды хуызы автотранспортæн» – банысангонд у автомобилон фæндæгты департаменты информацийы.