Гом тыгъдады маскæ дарын та æнæмæнгхъæугæ ссис.
Уый фæдыл уынаффæ координацион совет абоны рабадтыл рахаста.
Æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы дзырдæй, абонæй фæстæмæ, мидæмæ æмæ æддæ тыгъдадты æнæмæнгхъæугæ уыдзæн маскæ дарын.
«Советы уынаффæйæ, ист æрцыд ног регуляци, кæцы æххæссы маскæ æнæмæнгхъæугæ дарынмæ. Абонæй мид æмæ æддæ тыгъдадты æнæнæмнгхъæугæ уыдзæн маскæ дарын. Мæйты дæргъы дзырдтам, цæмæй куыд эффективон у маскæ адæймагы инфекцийæ бахъахъхъæнынæн. Абоны эпидемиологион уавæры тыххæй, æнæмæнгхъæугæйыл банымадтам, цæмæй уый уыдзæн иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын æмæ эффективон фæрæз, цæмæй бахъом уæм æмæ бафæразæм инфицирады 4-æм уылæн басæттын», – фехуъсын кодта Тъикъарадзе.
Иу къуырийы размæ совет рахаста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ ссис гом тыгъдады дæр, цы ран фондзæй фылдæр адæймаг æмбырд кæны.