Масацугу Асакава – Aзийы Рæзынады Банкъ Гуырдзыстонæн æххуысы пакетыл кусы
Азийы рæзынады банкъы (ADB) президент Масацугу Асакава æмæ Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа знон телефонæй ныхасы рæстæджы ног коронавирусы пандемийы ныхмæ Азийы рæзынады Банкъæй æххуысы пакеты фæдыл фæныхас кодтой.
Уый тыххæй информацийы, хъусын кæны Азийы Рæзынады Банкъ.
«Зонæм, цæмæй пандеми Гуырдзыстоны тынг бирæ адæймагы æмæ бизнесы, сæрмагондæй та туризмы сферæйы, тынг уæззау уавæрты æппары. Бæстæ пандемийы пикъ йæ фæстæ куы фæуадздзæн, сырæзт уавæрæй хи фервæзын кæнынæн нысаниуæгджын быцæусидтытæн бафæразын æй бахъæудзæн. ADB кусы Гуырдзыстонæн æххуысы пакетыл, кæцы бæстæйы экономикон стабилондзинад батагъдгонд уагæй сæндидзын кæнын æмæ райрæзын кæныны хъуыддаджы баххуыс уыдзæн», – райхъусын кодта Масацугу Асакава.
Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа раарфææ кодта президентæн Азийы Рæзынады Банкъы хъæддых æмæ афойнадон æххуысы тыххæй. Фарсытæ афæлгæстой кризисы экономикон фæстиуджытыл æнæаргъæвгæ реагир кæныны нысаниуæг æмæ амæлттæ, цæмæй дæр ADB баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæн экономикæ сæнæниз кæныны.
Азийы Рæзынады Банкъы æххуыс æнхъæлцау æххæссы антицикълон бюджетон финансдзинадмæ, социалон ифтонгады механизмты фæтыхджындæр кæнынæн рауæлдайгонд цырд бюджетон кредитмæ æмæ программæтæм, энергетикæйы, урбанон доны æмæ профессион ахуыры секторты, кæцы экономикон сцыдæн æнæмæнгхъæугæ компоненттæ сты. ADB афтæдæр райрæзын кæндзæн æххуыс хицæн секторы операциты æрдæм, кæцы бæстæйы архайæг банкътæн кредитты рауæлдай кæныны æмæ базарады финансдзинад дары йæ хъуыдыйы