Марк Рутте – Дональд Трампимæ Гренландийы фæдыл бадзырдтæ здæхт уыдзысты Уæрæсе æмæ Китайы бауромынмæ
Марк Рутте – Дональд Трампимæ Гренландийы фæдыл бадзырдтæ здæхт уыдзысты Уæрæсе æмæ Китайы бауромынмæ

Дональд Трампимæ Гренландийы фæдыл бадзырдтæ здæхт уыдзысты Уæрæсе æмæ Китайы бауромыныл – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Марк Рутте расидтис.

Марк Руттейы ныхасмæ гæсгæ, Давосы АИШ-ы президентимæ фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой куыд хуыздæр бахъахъхъæндзæн трансатлантикон альянс Арктикæ Уæрæсе æмæ Китайæ.

«Гренландийы тыххæй та, ахсджиаг у, цæмæй Китай æмæ Уæрæсе ма райсой Гренландийы экономикæмæ бацæуæн кæнæ Гренландийы æфсæддон контрол кæной», — загъта Рутте.

Уæ информацийæн, АИШ-ы президент Дональд Трамп, Дунейы экономикон форумы Давосы раныхас кæнгæйæ, расидтис, цæмæй Гренландийы ныхмæ уæлдай тыхæй нæ спайда кæндзæн.