Марина Кальюранд – ныфс мæ ис, цæмæй Гуырдзыстоны ног омбудсмен сбæлвырд уыдзæн æргомæй æмæ тагъд, цæмæй адарддæр кæна иттæг нысаниуæгджын рардтæ æххæст кæнын
Абон у Гуырдзыстоны омбудсмены постыл Нино Ломджариайы куысты фæстаг бон, ныфс мæ ис, цæмæй фæдылдзог омбудсмен сбæлвырд уыдзæн æргомæй æмæ тагъд, цæмæй адарддæр кæна омбудсмены иттæг нысаниуæгджын рард сыххæст кæнын Гуырдызстоны – уый фæдыл европарламентари Марина Кальюранд «Твиттеры» фыссы.
Кальюранд Нино Ломджариайæн куысты тыххæй бузныг загъта.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын Нино Ломджариайæн максималонæй сæруæлдай куысты æмæ уый тыххæй, цæмæй йæ тыхтыл нæ аæрста адæймæгты барты бахъахъхъæнынæн, дзæбæх фæткдæттыны размæ рахæцыны æмæ закъоны сæйрагдзинады сфидар кæнынæн Гуырдзыстоны. Ныфс мæ ис, цæмæй фæдылдзог омбудсмен сбæлвырд уыдзæн æргомæй æмæ тагъд, алы интересджын фарсимæ иумæ, уый нымæцы æмбæстагон дзыллæимæ æнгом æмгуыстгæнгæйæ, цæмæй уый адарддæр кæна омбудсмены иттæг нысаниуæгджын рардтæ сыххæст кæнын Гуырдзыстоны»,- фыссы Кальюранд.