Марина Кальюранд – ныфс дарæм, политикон кризис тагъд фæуыдзæн æмæ Гуырдзыстонæн йæ бон бауыдзæн бахъом уа æцæгдæр ахсджиаг фарстæтæн
Ныфс дарæм, политикон кризис тагъд фæуыдзæн æмæ Гуырдзыстон бафæраздзæн æцæгдæр нысаниуæгджын фарстæтæ аскуыддзаг кæнын – уый фæдыл европарламентар социал-демократты къорды уæнг, Марина Кальюранд бадзырдты фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехуъсын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Кристиан Даниелсон Европарламенты уæнгтæн регуляронæй зонгæ кæны информаци цæугæ процессты тыххæй.
«Цытджын Даниелсонимæ фæстаг брифинг нын уыд иу къуырийы размæ. Уый нын регуляронæй зонын кæны информаци Европарламенты уæнгтæн, цæугæ процессты фæдыл. Хъыгагæн, ацы рæстæгмæ йæ визиты дыууæ раунд æнæнтыст уыд, фæлæ куыд æмбарын афтæмæй, медиаци нырма нæ фæцис. Ацы рæстæгмæ тыхайрхайд дарддæр кæны Тбилисы, АИШ-ы æмæ Евроцæдисы минæвæртты разамындæй. Куыд хъуыды кæнын уымæ гæсгæйæ, политикон партитæ нырма дæр агурынц компромис. Афтæмæй медиацийы пароцесс дардæдр кæны. Ныфс дарæм цæмæй политикон кризис тагъд фæуыдзæн æмæ хицаугæнæг парти æмæ оппозицийы лидертæн сæ бон бауыдзæн амал ссарын, уымæн æмæ афтæмæй цард хуымæтæг режиммæ æрыздæхдзæнис æмæ Гуырдзыстон бафæраздзæн бахъом уа уымæн æцæгдæр ахсджиаг фарстæтæ аскуыддзаг кæнын, цахæм дæр у пандеми æмæ æндæр. Ныртæккæ бонвæткы лæууынц бирæ ахсджиагдæр фарстæтæ» – загхта Марина Кальюранд.