Марина Кальюранд – Адæм дзурынц, цæмæй фæллад сты политикон конфронтацитæй, поляризацийæ, ахæм уыд рвитæггаг, кæцыйы фæфиппайдтон гуырдзиаг адæмæй æвзæрстытæм цæстдарды рæстæджы
Адæмы фæнды сабырдзинад, стабилондзинад æмæ сæ фæнды фокусир кæнын уыцы проблемæтыл, кæцытæ сæ æрвылбойнон цардуагы хъыг дарынц – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Европарламенты делегацийы уæнг, евродепутат Марина Кальюранд фехъусны кодта.
«Æз фæныхас кодтон адæмимæ, куыд «гуырдзиаг Бæллиццы» афтæ оппозицийы фарсхæцджытимæ. Адæм дзурынц цæмæй бафæллад сты. Уыдон бафæллад сты политикон конфронтацийæ, поляризацийæ. Ахæм уыд се æрфитæггаг, кæцыйы райстон гуырдзиаг адæмæй æвзæрстытæм цæст дарыны рæстæджы. Адæмы фæнды сабырдзинад, стабилондзинад æмæ уыцы проблемæтыл фокусир кæнын, кæцытæ сæ æрвылбойнон цардыл фæзынынц» – банысан кодта Марина Кальюранд.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон Евроцæдисы хæстæг партнер у æмæ евроцæдис та Гуырдзыстоны демократон реформæты иузæрдыг у.
«Мах адарддæр кæндзыстæм афтæ, цалынмæ Гуырдзыстон демократон фæндагыл лæууы, фæлæ ацытæккæ сидын алы политикон тыхмæ, партион интерестæй бæрзонддæрс æвæрæт бæстæйы интерестæ, æрсабыр кæнæт бæстæ æмæ адарддæр кæнæт кусын уыцы фарстæтыл, кæцытæ реалонæй хъаг дарынц адæмы. Экономикæ, ковид, демократон æмæ конституцион реформæтæ, тæрхондон, æвзарæнон кодекс – саразинагш нырма бирæ ис» – райхъусын кодта Марина Кальюранд.