Мамука Онашвилийы  Махатайы  фыссджыты  æмæ æхсæнадон архайджыты  пантеоны бавæрдтой
Мамука Онашвилийы Махатайы фыссджыты æмæ æхсæнадон архайджыты пантеоны бавæрдтой

Зарæггæнæг  Мамука  Онашвилийы   Махатайы  фыссджыты  æмæ æхсæнадон  архайджыты пантеоны  бавæрдтой.  Зарæггæнæгы  мардыбуар рахастой  Самебайы  кафедралон аргъуанæй, цы  ран æмбæстагон   панихидæ  цыдис.

55  аздзыд  Мамука Онашвили фыццæгæм августы  æрбамард.  Зарæггæнæг  30  июлы  Натахтарийы  цур аварийы бахауд, цæй  фæстæ дæр фыццаг   университетон клиникæйы, дыууæ  боны дæргъы  реанимацион  хайады  уыд улæфæн аппаратыл иугонд.