Мамука Мдинарадзе  нæ цух кæны, ома Арчил Татунашвилийы  хъуыддагыл  оппозици  æмæ хицаугæнæг бал,  сраыз уой иумæйаг документыл
Мамука Мдинарадзе нæ цух кæны, ома Арчил Татунашвилийы хъуыддагыл оппозици æмæ хицаугæнæг бал, сраыз уой иумæйаг документыл

Фракци  «Картули Оцнеба»-ы  сæрдар  Мамука Мдинарадзе  нæ цух кæны, ома Арчил Татунашвилийы  хъуыддагыл  оппозици  æмæ хицаугæнæг бал,  сраыз уой иумæйаг документыл.

Журналисттæн Мдинарадзе  куыд  загъта афтæмæй, фракцийы абоны рабадтыл   фидыды æмæ   æмбæстагон æмсæрады  фарстыты  паддзахадон  министр Кетеван Цихелашвилимæ байхъусдзысты  кæцы депутаттæн   бадæтдзæн информацийы   уыцы сабырадон   политикæйы тыххæй,   кæцыйы  министрад уадзы оккупацгонд   территориыл.

«Хицауадмæ ис сеппæтæй  прагматон  æмæ фæстиуæгыл  ориентацигонд  политикæ,   кæцыйы гæнæн ис  хицауад ахæм уавæрты  æххæст кæна,    цæгаттаг  «хæлар»  оккупант куы у уæд. Архайæм, максималонæй   фæстиуæгыл  ориентацигонд   политикæ æххæст кæнæм. Нæ алы къахдзæф   æмæ уый нымæцы   резолюцитæ дæр  ацы нысанæй сты,  цæмæй  æхсæнадæмон мæъистæй  спайда кæнæм  æмæ ацы хъуыддаджы  фæсарæйнаг партнерты бастдзинад  срæвдз кæнæм.  Нæ цух кæнын уый ома  иумæйаг документыл сразы уæм.   Ууыл тæрхон кæнæм,  ам партион интерестæ нæй,  уымæн æмæ   хъуыддаг æххæссы деоккупацимæ æмæ  æмбæстæгты  цардмæ.  Партион интерестæ  цух хъуамæ  уой æмæ ууыл уынаффæ кæнæм , цæмæй  цы  хуыздæр уыдзæн нæ бæстæйæн» – расидтис Мамука Мдинарадзе.