Мамука Мдинарадзе - Мах райдайæм эффективон къахдзæфтæ исын æнæзаконон архайдтыты ныхмæ, кæцытæ зиан хæссынц энергетикæйæн. Ацы здæхты нысантæй иу уыдзæн Местиайы æнæзакъонон криптомайнингы ныхмæ тох
«Гуырдзыстоны хицауад райдайы эффективон къахдзæфтæ æнæзаконон амалиуæгады ныхмæ, кæцытæ энергетикæйæн зиан хæссынц» -расидтис хицауады администрацийы уагъд брифингыл премьер-министры хæдивæг æмæ барадхъахъхъæнæг органты координацийы паддзахадон министр Мамука Мдинарадзе.
Мамука Мдинарадзейы ныхасмæ гæсгæ, ацы секторы серьозон проблемæтæй иу у Местиайы муниципалитеты æнæзакъонон криптомайнинг. Ацы проблемæйы тыххæй, электрохызæг æнæрлæугæйæ æгæр уæз кæны, æмæ стыр бæрцæй электроэнергийы æнæзакъонон хардз нысаниуæгджын зиан хæссы куыд бæстæйы энергетикон системæйæн, афтæ дæр бынæттон цæрджытæн æмæ сæрмагонд секторæн Местиайы.
«Электроифтонгады гъæд æвзæрдæр кæны хызæгтæ æмæ электрон тыхдæттæн хæтæлтæ æгæр уæззау кæй сты, уый фæстиуæгæн æвзæры уæлвæткон уавæртæ, кæцытæ æппæрццагæй æндавынц æрмæст бынæттон цæрджытыл нæ, фæлæ ма туристон индустрийыл дæр.
” “Нымæцтæм гæсгæ, Местийы муниципалитеты электроэнергийы хардз 2025 азы уыд 133 милуан киловатт-сахаты, æнгæс муниципалитетты та ацы нымæц, æппæт бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ, куыд æгъдауæй, 10 милуан киловатт-сахатæй фылдæр нæ вæййы.
Уый энергетикон системæйæн æмæ йæ финансон уавæрæн æппынкъаддæр 20-25 милуан ларийы зиан æвдисы. Ацы хæрдзтæ æппынфæстаг æвæрынц æфтауц финансон уаргъ æппæт æмбæстæгтыл, кæцытæ фидынц электрон тыхæн. «Бæлвырддæр зæгъгæйæ, бæстæйы алы абонент дæр растдæр ацы проблемæйы тыххæй фылдæр фиды 1,5 ларийы бæрц алы электроэнергийы хыгъдæй» – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, проблемæйы аскуыддзаг кæнынæн, Местиайы электроэнергийы нымайæнты монтаж райдайдзæн, процесс, кæцы ацы рæстæгмæ æндæр æмæ æндæр быцæусидт аххосæгтæм гæсгæ æрлæууыд.
— Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нымайæнтæ æвæрыны иунæг нысан кæй у æнæзакъон æмæ æмбæхст электроэнергийы хардз аиуварс кæнын. Электроэнерги Сванеты уыдзæн æнæаргъ алы абонентæн æнæмæнгхъæугæ максималон хардзы арæны фæлгæтты. Фæлæ ацы арæнæй дарддæр, æххæстгонд цæудзæн арæн æмæ æмбæлон тариф.
Хардз нымайæн æрмæст бынæттон æмвæзадыл нæ, фæлæ ма стырдæр масштабты дæр — алы хъæу æмæ горæтæн дæр, уый фадат ратдзæн проблемон бынæттæ бæлвырдæй сбæрæг кæнынæн.
Барадхъахъæнджытæн ныридæгæн лæвæрд æрцыд бахæс, цæмæй æххæстæй æнцондæр кæной æмæ сæ цæст дарой ацы процессæн, афтæ дæр спайда кæной æппæт уæвæг фæрæзтæй, цæмæй рабæрæг кæной электроэнергийы æнæзакъонæй стыр бæрцæй хардз кæныны цаутæ æмæ райсой æмбæлон барадон мадзæлттæ. Алкæмæ дæр сидæм, цæмæй кад кæной ацы процессæн. Цыфæнды цæлхдур кæнæ фæткхалæн æркæндзæн карз юридикон реагирдзинадмæ», -расидтис Мамука Мдинарадзе.