Мамука Хазарадзейы хъуыддаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн уый тыххæй æмæ парламенты фæдагуырдон комитетмæ нæ бацыд
Гуырдзыстоны парламенты «2003-2012 æзты режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайды фæдыл рæстæгмæ фæдагурæн къамисы» рабадтыл нæ фæзыныны тыххæй, Мамука Хазарадзейы хъуыддаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн. Уый фæдыл уынаффæ парламентон комисы абоны рабадтыл райстæуыд.
Фарст хъæлæсæппæрстмæ комисы сæрдар, Теа Цъулукиани снысан кодта.
Бадри Джапаридзейы тыххæй та, кæцыйæн, ныртæккæ куыд рабæрæг, афтæмæй хъуамæ уыдаит ноджы ахсджиагдæр роль ацы хъуыддаджы æмæ йын уыд комкоммæ функци ООО «Магнат»-ы райсты фæстæ, секретариат Мамука Хазарадзеимæ куы бадзырдта, уæд уыцы номырæй нал дзуапп лæвæрдта æрбадзуринæгтæн. Нæ мæ фæнды спекуляци æмæ зæгъын, цæмæй дыууæ адæймаджы æхсæн уыд бастдзинад æмæ уый тыххæй Бадри Джапаридзе нæ бафæндыд дзуапп раттын æрбадзуринæгтæн», – райхъусын кодта Цъулукиани.