Мамука Бахтадзе - Звиад Гамсахурдиайы  хайбавæрд  Гуырдзыстны бирææнусон историйы  сæрмагонд у,  мæ сæр гуыбыр кæнын йæ  рухс номы раз
Мамука Бахтадзе - Звиад Гамсахурдиайы хайбавæрд Гуырдзыстны бирææнусон историйы сæрмагонд у, мæ сæр гуыбыр кæнын йæ рухс номы раз

Звиад Гамсахурдиайы  хайбавæрд  Гуырдзыстны бирææнусон историйы  сæрмагонд у,  мæ сæр гуыбыр кæнын йæ  рухс номы раз –  Ацы   ныхæстæ,  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука  Бахтадзе Гуырдзыстны фыццаг президент  Звиадл Гамсахурдиайы  80 азы юбилеймæ гæсгæ  уагъд   равдыстыл   журналисттæн загъта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Звиад Гамсахурдиаы  юбилейон датæмæ  гæсгæ   Гуырдзыстоны регионты  æндæр æмæ æндæр   мадзæлттæ ацæудзæн, афтæдæр, Афтæма,   хицауады   уынаффæйæ, Гуырдзыстоны пост Звиад Гамсахурдиайы юбилеймæ гæсгæ  постон маркæ  рауагъдта.

«Абон Гуырдзыстоны фыццаг президент Звиад Гамсахурдиайыл, 80 азы сыххæст уыдаит.  Ац ыбонмæ гæсгæ   Гуырдзыстоны регшионты   æндæр æмæ æндæр  мадзæлттæ сты плангонд.  Йæ хайбавæрд   Гуырдзыстны бирææнусон историйы  сæрмагонд у. Звиад Гамсахурдиайы  номимæ  баст у   Гуырдзыстоны паддзахаддзинады  сæндидзын  кæнын. Æз афтæ куыд   мæ хæлæрттæ,   мæ сæр гуыбыр кæнын йæ  рухс номы раз. Абоны бонмæ гæсгæ  цалдæр мадзал сплан кодтам, афтæдæр   Гуырдзыстоны постæн бахæс кодтам æмæ рауагъдтам   юбиелон  постон маркæ» –   райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер-министры  дзырдæй,  зæгъгæ  худинаг  у уый æмæ Гуырдзыстоны  фыццаг президенты мæлæты хъуыддаг  нырма дæр  нæ  равзæрстой.

«Факт цæмæй  ацы  трагедий  нырма  нæ равзæрстой, æцæгæй дæр стыр  хуыдинаг у  æмæ  алцыппæт уымæн  кæрон  куыд гæнæн ис  афтæ  тагъд хъуамæ скæнæм.  Гамсахурдиайы  хъуыддаг афд азæй  фылдæр даргъ кодта æмæ цæй зæгхын æй хъæуы  ацы хъуыддаг кæронмæ хъуамæ  бакæнæм æмæ   æхсæнад хъуамæ базона  цы æрцыд уый,    цæмæй  ыфæнды фарстыл дзуаппытæ  фæбæрæг уа. Алы æмбæстагмæ  ис  фарстытæ, æмæ   паддзахады  намысы хъуыддаг у, алы æмбæстагæн  базонын  кæна, цы æрцыд йеуæд уый» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Гуырдзыстоны фыццаг президенты, Звиад Гамсахурдиайы 80 азы юбилейон датæ, æндæр æмæ æндæр мадзæлттæй банысан уыдзæн.

Звиад Гамсахурдиайы,   Гуырдзыстоны президентæй  1991  азы  уалдзæджы  сывзæрстой  æмæ 1992  азы  райдианы та  бæстæйæ  аддæдуар кодтой, æфсæддон фæфæлдæхты  фæстиуæгæн.  Гуырдзыстоны  президент  1993  азы 31  декабры, Хобийы районы  Хибулайы хæъуы  ныммард.