Мамука Бахтадзе - Знон цы федтам уый уыд бынтон æлгъаг æмæ аморалон ми, ацы рæстæджы, нысангонд æмæ цъаммар провокаци
Знон цы федтам уый уыд бынтон æлгъаг æмæ аморалон ми, ацы рæстæджы, нысангонд æмæ цъаммар провокаци – уый тыххæй «Рустави 2»-ы эфиры»Постскриптумы» акæнæгы Гиорги Габуниайы монологы фæдыл, премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта.
« Ай нæу иуххат цау, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, ацы бынтон нæрайсгæ фразæтæ нæ уыдысты хицæнæй ист искæцы журналисты дзырдтæ. Уый у азты дæргъы уæвæг агресси гуырдзиаг адæмы ныхмæ, кæцы рацæуы «Националон Змæлды» æмæ йæ раздзогы æрдгæй. Знон цы федтам уый уыд бынтон æлгъаг æмæ аморалон ми, ацы рæстæджы, нысангонд æмæ цъаммар провокаци, кæцыйы нысан уыд, Гуырдзыстоны дестабилизаци скæнын, нæ националон интересты базиан кæнын. Фæнды мæ зæгъын уын, уый никæмæн рауайдзæн, ахæм сценаритæ Гуырдзыстоны нæ фæраст уыдзысты, æмæ сæ мах никуы бауадздзыстæм», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæма премьеры аргълæвæрдæй, ацы фарстайыл паддзахадон уагдæттæ сарызтой фидиуæнтæ, кæцытæ хъуамæ сырæзтаиккой ахæм рæстæджы.
Фидиуæнтæ сырæзт мах æрдгæй, уый нымæцы, паддзахадон уагдæтты æрдгæй, цы хъуамæ сырæзтаит ахæм рæстæджы уый. Ам аргълæвæрд у иунысанон. Гуырдзиаг адæм ноджы иу хатт федта, цы ис сæ зæрдыл ацы деструкцион тыхæн, цæмæй разнаггад кæной гуырдзиаг паддзахаддзинадæн æмæ проблемæтæ æрхæссой гуырдзиаг æхсæнад æмæ гуырдзиаг адæмæн», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.