Мамука Бахтадзе - Сæрыстырæй мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй абон ацы ахастытæ историон нысаныл лæууынц
Нæ сегасæй сæйраг рард уыдис, гъдæй бæрзонддæр æмвæзадмæ скодтаиккам ахастытæ АИШ-имæ, Евроцæдис æмæ НАТО-имæ æмæ равдыстаиккам Гуырдзыстоны фæтыхджындæргонд стратегион роль регионы; Сæрыстырæй мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй абон ацы ахастытæ историон нысаныл лæууынц – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе социалон хызаг «Фейсбукыл» ахæлиугонд фидиуæны дзуры.
Мамука Бахтадзейы фидиуæнæй, бæстæйы æхсæнадæмон позицитæ афтæ фидар никуы уыдысты æмæ уымæн хъæуы сæрмагонд бацауæрдын æмæ фæстæдæр фæфидардæр кæнын.
«Евроинтеграци – ай нæу æрмæст нæ политикъон барæвзар, арæх политикътæ куыд æнхъæлынц, Евроинтеграци у нæ нацийы цивилизацион æвзæрст. Абон мах стæм Евроцæдисимæ ассоциацигонд уæнгтæ, ис нæм Евроцæдисимæ арф æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарадон тыгъдады фæдыл бадзырд (DCFTA), визалиберализаци, кæцы комкоммæ æмæ рахатинаг фæстиуджытæ æрхаста нæ адæмæн. Гуырдзыстон абон у уымæй хæстæг дæр Европæмæ, раздæр куыд никуы уыдис, афтæ», – хъусын кæны Мамука Бахтадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ партнертæ иууылдæр æмхъæлæсонæй разы сты, цæмæй Гуырдзыстон у лидер паддзахад Скæсæн партнерады бæстæты æхсæн.
«Уæдмæ, цалынмæ Гуырдзыстон суыдзæн Евроцæдисы уæнг, Гуырдзыстоны Европæимæ фактон интеграцийы сеппæтæй хуыздæр механизмæй нымайын Гуырдзыстоны Европаг экономикон тыгъдады уæнгсуæвын (European Economic Area)», – хъусын кæны Мамука Бахтадзе.