Мамука Бахтадзе - Рухсдзыд бюджеты индексы Гуырдзыстон кæй фæразæй ис уый стыр æнтыст у
Мамука Бахтадзе -  Рухсдзыд  бюджеты индексы Гуырдзыстон кæй фæразæй ис  уый стыр æнтыст у

Рухсдзыд   бюджеты   индексы  Гуырдзыстон кæй ф æразæй  ис  уый у  егъау æнтыст  нæ бæстæйæн –   расидтис финансты министр  Мамука  Бахтадзе   бюджеты   æхсæнадæмон    партнерты  публикацигонд «Бюджеты рухсдзыддзинады  иртасæн 2017»- ы  аргъ скæнынæн, кæцымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстон  82  баллæй  5-æм бынат  бацахста Дунейы  115 бæстæйы æхсæн æмæ бацыд  æххæстæй рухсдзыд бæстæты  ранымадмæ.

«Нæ алы  реформæ  æмæ инициативæ  æздæхт у  уыцы æрдæм,  цæмæй  фæтых уæм   нæ бæстæйы  уæвæг  алы сæйраг  сидтытыл, цахæмдæр сты  æгуыстдзинад æмæ мæгуырдзинад.

Фæнысангонд индексы  æнтысты фæстиуæгæн,   мах бахъом уыдзыстæм  фылдæр инвестици æрбалвасæм нæ экономикæмæ, батагъддæр кæнæм  Гуырдзыстоны  экономикон рæзынд  æмæ  сæвзæрын кæнæм фылдæр куыстбынат» – расидтис финансты министр Мамука Бахтадзе.

Финансты министр куыд банысан кодта афтæмæй,    фæнысангонд  уынинагæй, Гуырдзыстоны цæугæ  хицауадон финансты фæткдæттæн   реформæ бæрзонд аргълæвæрд райста   æхсæнадæмон дзыллæйы æрдгæй,  æмæ ноджы иу хатт сбæлвырд ис   фæстаг дæс азы  дæргъы  уагъд мадзæлтты  фæстиуджытæ.

Бюджеты  æхсæнадæмон   партнерады  (The International Budget Partnership) «Бюджеты рухсдзыддзинады  иртасæн 2017»-мæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон 82 баллæй  дунейы  115 бæстæйы æхсæн фæндзæм бынат бацахста.