Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе польшайаг адæмæн арфæ кæны хæдбардзинады бон.
Бахтадзейы дзырдæй, зæгъгæ гуырдзиаг адæм бæрзонд аргъ кæны Польшæйы сæрмагонд хайбавæрдæн Гуырдзыстоны размæцыды æмæ европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы процессы.
«Арфæ кæнын польшайаг адæмæн хæдбардзинады бон. Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын у гуырдзиаг æмæ польшайаг адæмты æхсæн æнусты дæргъы традицийæ фестгæ хæлар ахастытæ, кæцытæ бæстæты æхсæн къуындæг партнерон ахастытæй фестад. Польшæ кæддæриддæр иузæрдыгæй лæууы Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ æмæ хъахъхъæны нæ интерестæ.
Мах егъау аргъ кæнæм Польшæйы æнæцудгæ фарсхæцынадæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Гуырдзиаг адæм бæрзонд аргъ кæны Польшæйы хайбавæрдæн нæ бæстæйы тынгады æмæ европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы процессы, афтæдæр куыд «Скæсæн партнерады программæйы» инициатор бæстæйы ролæл Гуырлщыстоны Евроцæдисмæ æрыввахсы хъуыддаджы. Уырнæг дæн, Гуырдзыстон æмæ польшæйы æхсæн æмахастытæ ноджы фæарфдæр уыдзысты æмæ баххуыс кæндзысты нæ нациты æхсæн фылдæр æрыввахсы хъуыддагæн» – дзырдæуы премьер-минстры арфæйы.
Информацийы хæлиу кæны премьер-министры пресс-куыст.