Мамука Бахтадзе -  Парламентон демократий у сеппæтæй  хуыздæр модел, цæмæй нæ нысæнттæм баххæссæм
Мамука Бахтадзе - Парламентон демократий у сеппæтæй хуыздæр модел, цæмæй нæ нысæнттæм баххæссæм

Мæнмæ  гæсгæ,  парламентон демократий у  сеппæтæй   хуыздæр модел,   цæмæй  баххæссæм нæ нысæнттæм – бæстæ хъуамæ уа прогрессивон æмæ фылдæр æнтыстджын уæм  Евроцæдис æмæ   НАТО-мæ интеграцийы  фæндагыл – уый фæдыл  Гуырдызстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  «Фейсбук Лайвы»  рæстæджы райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæгы  аргълæвæрдæй,   знон зæгъгæ уыдис историон  бон – ард бахордта  Гуырдзыстоны фыццаг  сылгоймаг   президент, цæй фæстæ дæр  йæ тыхмæ бацыд  ног конституци.

«Мах  ныр хизæм   ног конституцимæ, кæцымæ гæсгæйæ дæр,  Гуырдзыстон уыдзæн  æххæстаргъджын  парламентон демократий. Мæнмæ гæсгæ уый у  сеппæтæй   хуыздæр модел,   цæмæй  баххæссæм нæ нысæнттæм – бæстæ хъуамæ уа прогрессивон æмæ фылдæр æнтыстджын уæм  Евроцæдис æмæ   НАТО-мæ интеграцийы  фæндагыл.  Афтæмæй знон уыдис дывæрæй  нысаниуæгджын бон» – райхъусын кодта премьер.