Мамука Бахтадзе – ног фидтонон реформæйы стыр хай, хъусгæфыст æрцыд нæ лыстæг амалиуæгдæртты инциативæйæ
Мамука  Бахтадзе – ног фидтонон реформæйы стыр  хай, хъусгæфыст æрцыд  нæ  лыстæг  амалиуæгдæртты  инциативæйæ

«Ног фидтонон  режим  дæтты секторы мидæг   фылдæр рухсдзыддзинад,   кæцы йæхиæрдгæй  фенцондæр кæндзæн  лыстæг амалиуæгдæрттæн  финансон ресурсытæм æнцонвадтдзинад» –  райхъусын кодта  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  абоны брифингыл.

Премьер-министр   лæмбынæг радзырдта  уникалон фидтонон  режимы  тыххæй,  кæцыйы  хицауад  æнхъары  лыстæг амалиуæгдæрттæн.

«Лыстæг бизнесы  статус,  лæвæрд  цæуы  амалиуæгдæрттæн,  кæцыты  æфтиаг  афæдзы мидæг   500 000 ларийæ  фылдæр нæу,   абон  уæвæг  100 000 ларийы   æфтиагы  бæсты;  фидтонон  налог  лыстæг бизнесæн каддæр кæны  фондз процентæй   иу  проценты онг;  лыстæг бизнесæн æвæрд цæуы   сегасæй  уымæтæг дæр  фидтонон хыгъды  фадат.  Фидтоноты  бафыст æмæ  дæклараци æрвылмæйонæй цæуы æххæст,  а.х.  авансы фидтоны  бæсты,  кæцы уыд  нæ амалиуæгжæртты иуæй-иу  сегасæй  стырдæр проблемæ,  уымæн æмæ   тыхбын уыдысты  фидтонтæ фидын развæлгъау режимы№»  ыстæг амалиуæгдæрттæн  уыдзæн фадат,  уæлбар фидтоны режимы  параллелонæй,  регистрацийы уагъд цæуынц уæлæмхас фидтон фидджытæй» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер-министр  афтæдæр   райхæлдта, ома  уæлæмхас фидтон фидæгæй  регистраци  нæ  нысан кæны уый æмæ  адæймаг   фесафдзæн  лыстæг амалиуæгдары статус.  Мамука Бахтадзейы  ныхæстæм гæсгæ,   алкæмæндæр  сæ бон бауыдзæн  лыстæг  амалуæгдары  статусæй пайда кæнын, æнæкæсгæ  уымæ,  фидынц  уæлæмхас  фидтон  æви нæ.