Мамука Бахтадзе – ног фидтонон реформæйы стыр хай, хъусгæфыст æрцыд нæ лыстæг амалиуæгдæртты инциативæйæ
«Ног фидтонон режим дæтты секторы мидæг фылдæр рухсдзыддзинад, кæцы йæхиæрдгæй фенцондæр кæндзæн лыстæг амалиуæгдæрттæн финансон ресурсытæм æнцонвадтдзинад» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе абоны брифингыл.
Премьер-министр лæмбынæг радзырдта уникалон фидтонон режимы тыххæй, кæцыйы хицауад æнхъары лыстæг амалиуæгдæрттæн.
«Лыстæг бизнесы статус, лæвæрд цæуы амалиуæгдæрттæн, кæцыты æфтиаг афæдзы мидæг 500 000 ларийæ фылдæр нæу, абон уæвæг 100 000 ларийы æфтиагы бæсты; фидтонон налог лыстæг бизнесæн каддæр кæны фондз процентæй иу проценты онг; лыстæг бизнесæн æвæрд цæуы сегасæй уымæтæг дæр фидтонон хыгъды фадат. Фидтоноты бафыст æмæ дæклараци æрвылмæйонæй цæуы æххæст, а.х. авансы фидтоны бæсты, кæцы уыд нæ амалиуæгжæртты иуæй-иу сегасæй стырдæр проблемæ, уымæн æмæ тыхбын уыдысты фидтонтæ фидын развæлгъау режимы№» ыстæг амалиуæгдæрттæн уыдзæн фадат, уæлбар фидтоны режимы параллелонæй, регистрацийы уагъд цæуынц уæлæмхас фидтон фидджытæй» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьер-министр афтæдæр райхæлдта, ома уæлæмхас фидтон фидæгæй регистраци нæ нысан кæны уый æмæ адæймаг фесафдзæн лыстæг амалиуæгдары статус. Мамука Бахтадзейы ныхæстæм гæсгæ, алкæмæндæр сæ бон бауыдзæн лыстæг амалуæгдары статусæй пайда кæнын, æнæкæсгæ уымæ, фидынц уæлæмхас фидтон æви нæ.