Мамука Бахтадзе -  никæмæн ратдзыстæм бар, Гуырдзыстон скæна агрессивон баоны фæткы амынæтæй,  куыд мидæг – афтæ æддагон политикъæйы
Мамука Бахтадзе - никæмæн ратдзыстæм бар, Гуырдзыстон скæна агрессивон баоны фæткы амынæтæй, куыд мидæг – афтæ æддагон политикъæйы

Цæй зæгъын æй хъæуы,  ацы  уынаффæ у  тынг дзæбæх;  мæ хисæрмагонд позици ахæм у, цæмæй адæмты  æхсæн ахастыты  ницы барьер хъуамæ уа –  ахæм дзуапп ратта  Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе  Уæрæсейы  президенты  Владимир Путины  уынаффæйæн.

Хицауады  сæргълæууæгы  дзырдæй,  адæмты æхсæн ахастытæ  у тынг принципон   фарста  æмæ фæстаг  ахты  дæргъы  ацы æрдæм  нысаниуæгджын прогресс ис.

«Цыдæриддæр та   хуыцаубоны  æрцæугæ  фактмæ æххæссы, уыцы патологион фразæтæм, кæцытæ фехъуыстам,  ай у бынтон нæрайсгæ  кæцыфæнды  зондджын адæймагæн, уæлдайдæр нæрайсгæ у  нæ нацийæн,  кæцы сæрмагондæй  хъал у йæ культурæйæ æмæ   хæзнатæй.  Мах стæм бæрнон  хицауад, кæцы  кæддæриддæр  ориентацигонд у  националон интерестыл. Гуырдзыстоны раз ис  тынг бирæ риссаг  быцæусидт  æмæ алчи дзæбæх хъуамæ æмбара, цæмæй  ацы быцæусидтæн бахъом уын гæнæн ис æрмæстдæр æмудддзинад æмæ  консолидацийы  фæрцы.  Уый  тыххæй дæр, бынтон  нæрайсгæ  у цыфæнды архайд, цæмæй  æрцæуа гуырдзиаг дзыллæйы поляризаци.  Уый гæнæн нæй æмæ  уый тыххæй мæ фæнды  ноджы иу хатт  баздæхон алкæмæ, цæмæй   уый авочи нæ зæрдыл бадарæм  æмæ  бæрнон ахаст дарæм  кæцыфæнды фарстайыл»- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер банысан кодта, цæмæй  хицауад  никæмæн ратдзæн бар, Гуырдзыстн скæна агрессивон  боны фæткъы амынæтæй, куыд мидæгон, афтæ æддагон  политикæйы.

Уæрæсейы президент, Владимир Путин  райхъусын кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны ныхмæ  санкциты æрбайсын  æнæмæнгхъæугæйыл нæ нымайы.