Владимир Путин  Гуырдзыстоны ныхмæ санкциты сфидар кæнын   æнæнæмæнгхъæугæйыл нæ нымайы – «Æз уый нæ саразин  гуырдзиаг адæмæн  цыт кæй  кæнын  уый тыххæй»
Владимир Путин Гуырдзыстоны ныхмæ санкциты сфидар кæнын æнæнæмæнгхъæугæйыл нæ нымайы – «Æз уый нæ саразин гуырдзиаг адæмæн цыт кæй кæнын уый тыххæй»

Уæрæсейы  президент  Владимир Путин  хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны ныхмæ  санкциты  сфидар кæнын   æнæнæмæнгхъæугæйыл нæ нымайы, «гуырдзиаг адæмæн кæй  кад кæны»  уый тыххæй.   Уый фæдыл  информацийы  агентад  «РИАНовости» хъусын кæны.

Афтæма Уæрæсейы президент   райхъусын кодта, цæмæй æнæмæнгхъæугæйыл нæ нымайы  гуырдзиаг журналист  Гиорги Габуниайы  ныхмæ тугтæрхоны барады  хъуыддаг рæгъмæ рахæссыны æркурын.  Путин банысан кодта, цæмæй  зæгъгæ  йын «Æгæр Кад»  уыдзæн.

«Цыдæриддæр  та  Гуырдзыстоны æрдæм санкцитæм æххæссы,   æз уый нæ саразин  гуырдзиаг адæмæн   цыт кæй  кæнын  уый тыххæй.  Иу чидæр  ралæууыд æмæ  æдылы ныхæстæ срæцыгъдта, йæхи  цæмæй дæр равдыста,  уый тыххæй  раздæр  ничи  ницы  зыдта, ныр та алчи   уый  кой кæны.  Ацы æрдгæй, уый  йæ  мысанмæ баххæссыд. Баурæдтой  йын йæ  æххæстбартæ  дыууæ мæййæ,   абалц кæндзæн улæфтмæ, стæй æрыздæхдзæн  æмæ адарддæр кæндзæн кусын. Фæлæ ис адæймæгтæ, кæцытæ Гуырдзыстоны  уыцы ми  спротест кодтой. Растдæр уыцы  адæймæгты тыххæй, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æххæстаргъджын  ахастыты сног кæнынæн, аз нæ ракодтаин  ахæм исты,  кæцы нæ ахастыты фæфыддæрдæр кодтаит», –  райхъусын кодта  Путин.

Уæрæсейы  президенты дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны  ахаст  цырын кæнынц уыцы  адæймæгтæ,  кæцытæ историй нæ зонынц æмæ фæстагмæ  Гуырдзыстонæн знаггад кæнынц.