Мамука Бахтадзе - Ницæмæн нæ хъæуынц хицæнæй, дæрдды лæууæг символтæ, хъæуы нæ цæмæй культурæ, ахуырад æмæ спорт нын рахъомыл кæнæнт бæрзонд хæзнатæн аргъгæнæг æмбæстæгтæ
Ницæмæн нæ хъæуынц хицæнæй, дæрдты лæууæг символтæ, мах хъæуы цæмæй культурæ, ахуырад æмæ спорт иумæ бахъом уæнт бæрзонд хæзнатæн аргъгæнæг, конкурентхъом æмбæстæгты рæзынад, æнæниз дзыллæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе, фракци «Гуырдзыстоны Патриоттимæ» фембæлды рæстæджы, министрадты баиу кæнынмæ гæсгæ лæвæрд фарстайы дзуаппæн загъта.
Премьеры аргълæвæрдæй, фæнысангонд фарст националон æмбарынады æмæ æнæхъæнæй адæймаджы хæзнатæм æндавы зæгъгæ.
«Культурæ æнæмæнгхъæугæ у, бавдстгонд уа сывæллæттæн скъолайæ нæ фæлæ ма уымæй раздæр, рæвдауæндонæй райдайгæйæ, афтæдæр куыд спорт æмæ æнæниз цардуаг. Æмбарæм, цæмæй ацы æрдæм нын ис серьозон къуыхцы æмæ уыцы трагикон фактытæ, кæцы фæстаг периоды сфиксир сты, хъыгагæн сты уый бæлвырд дæнц. Уый тыххæй дæр, фæнды мæ райхалон цæмæн хъуыды кæнæм, рма ахуырады, зонынады æмæ с спорты ардæмадтæ баиу кæнын у раст. Махæн сæйраг идея уыд министрадты нымæц фæкаддæр кæнын нæ фæлæ уый цææй структурæ куыстаид æмæ растаиккам хузыдæр фæстиуджытæ. Ницæмæн нæ хъæуынц хицæнæй, дæрдды лæууæг символтæ, мах хъæуы цæмæй культурæ, ахуырад æмæ спорт иумæ бахъом уæнт бæрзонд хæзнатæн аргъгæнæг, конкурентхъом æмбæстæгты рæзынад, æнæниз дзыллæ» – райхъусын кодта премьер-министр.